15 майы Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзысты Латвийы, Эстонийы, Лиетувæйы æмæ Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ
15 майы Гуырдзыстонмæ, Латвийы, Эстонийы, Лиетувæйы æмæ Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ æрцæудзысты. Уый фæдыл информаци Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрады веб-фарсыл уыд публикацигонд.
«Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Баиба Браже кусæн визиты фæлгæтты, Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн Эстоний фæсарæн хъуыддæгты министр Маргус Цахкимæ, Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министр Тордис Колбрун Реикфорд Гилфадоттиримæ æмæ Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергисимæ иумæ.
Балтийгæрон бæстæты æмæ Ислнадийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ иумæйаг фембæдтæ ауадздзысты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, афтæма Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуасшвилиимæ, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Драчиашвилиимæ æмæарламенты оппозицион партиты минæвæрттимæю Уыимæ, плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтимæ æмæ æмбæстагон дзыллæйы организацитимæ», – банысангонд у информацийы.
Уагдоны хъусинагæй, Балтийгæрон бæстæты æмæ Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Гуырдзыстоны президентимæ иумæйаг пресс-конеференци ауадздзысты.
Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, визиты фæлгæтты, æркæсдзысты Гуырдзыстоны цæугæ фæзындтæ, сæ нымæцы Гуырдзыстоны парламенты бавдыст закъонопроект «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомзинады фæдыл».
Официалон уæнгтæ афтæдæр хъавынц хъуыдыты баивын Гуырдзыстоны реформæты процессыл Евроцæдисы йæ интеграцийы прогрессы фæдыл», – банысангонд у информацийы.