Пъæлицæйагы бонмæ нывонд мадзал  [фото]
Пъæлицæйагы бонмæ нывонд мадзал [фото]

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад 31 майы, пъæлицæйагы  бон  нысан кæны.

Пъæлицæйагы бон банысанкæнынæн  мадзал  мидхъуыддæгты министрады администрацион бæстыхайы  раз  территорийыл мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури бакодта.

Мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Тбилисы мэр Каха Каладзе, Гуырдзыстоны  хицауады æмæ парламенты уæнгтæ.  Афтæма  Гуырдзыстоны  аккредитацигонд  дипломативон корпусы минæвæрттæ.

Мадзалы официалон  хайы,   министрады  æндæр æмæ æндæр  структурон дæлхайадтæ сæрмагонд сконд бавдыстой, кæцыйы фæстæ Вахтанг Гомелаури, афтæдæр гуырдзыстоны президент Сао=ломэ Зурабишвили  æмæ премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, уазджытæм  дзырдæй раздлæхтысты æмæ пъæлицæйæгтæн профессион бон раарфæ кодтой.

Абоны мадзалыл Гуырдзыстоны  президент  Намысы  майданæй  схорзæхджын кодта  æртæ пъæлицæйагы – Эка Буцхрикидзейы, Ани Нацарашвили æмæ Гванца Гогавайы.  Уыимæ иумæ  мадзалыл афтæдæр сæрмагондæй  Вахтанг Гомелаури, схорзæхджын кодта сæрмагондæй  сгуыхт  цалдæр  кусæгы.