12 бæстæйы парламентты æддæ ахастыты комитетты сæрдæрттæ æргомдзинады фæдыл закъонопроекты тыххæй иумæйаг фидиуæн аразынц
12 европаг бæстæйы парламентты æддæ ахастыты комитетты сæрдæрттæ Гуырдзыстоны «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроекты бавдысты тыххæй сагъæстæ дзурынц æиæ хицаугæнæг партимæ сидынц фæстæмæ асида уый.
Иумæйаг фидиуæныл къух бафыстой Стыр Британийы, Германийы, Италиайы, Францы, Ирландийы, Данийы, Норвегийы, Чехийы, Эстонийы, Латвийы, Лиетувæйы, Польшæйы закъондæттæг оргæнты æддæ ахастыты комитетты сæрдæрттæ.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, хицаугæнæг партийы бавдыст «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроект у ивгъуыд азы фæсарæйнаг агентты фæдыл а.хю уырыссаг закъоны дырыс къопи. Фидиуæны банысангонд у, цæмæй 2023 азы зæрдæвæрæны Гуырдзыстоны хицаугæнæг парти гуырдзиаг адæмы мобилизацийы æмæ стыр æлхъывды фæстиуæгæн дзырд ратта закъонопроекты, парламентон кастытæй «æнæуæлдайныхасæй фæстæмæ асидыны» фæдыл.
Фидиуæны автортæ сагæстæ дзурынц «Путины уырыссаг стилы закъоны» мидисы тыххæй æмæ банысан кодтой, цæмæй уымæн йæ нысан у Гуырдзыстоны активон проевропаг æмбæстагон дзыллæйы æмæ æнæхицауадон секторы фæлæмæгъ кæныны, стигматизацидзинад, уыцы рæстæджы уый нымад куы цæуы Гуырдзыстоны сегасдæр стыр активыл, ныфсыл æмæ бюджеты, финансдзинады æрдгæй дунейы иуæй-иу сепæтæй æргом æмбæстагон дзыллæйы номæй у зындгонд.
Ерррдтой, цæмæй ацы закъонопроекты ногæй бавдыст серьозонæй йæ бын къахы Гуырдзыстонæн зынтæй райсгæ европаг прспективæйæн æмæ кандидаты статусæн, уымæн æмæ æмбæстагон дзыллæйы организациты æмæ медиайы сæрибардзинадæн ахъаззаг уавæр скæнын, наввæрын у демократийы бындур æмæ цæрынæн нысаниуæгджын Гуырдзыстоны европаг интеграцийы æнтыстæн.
Иумæйаг фидиуæны автортæ ацы закъонопроекты бавдысты нымайынц, куыд знагон къахдзæф гуырдзиаг адæмы европаг тырнынадмæ, сæ фидæнæн æмæ серьозон мæстыдзинад æвдисынц уый тыххæй. Документы банысангонд у, цæмæй арызт уыдаит Еврокомиссийæ бæрæг 12 къахдзæф уæнгдзинады фæдыл бадзырдтæ райдайынæн размæцыдæн æмæ ацы рæстæгмæ рекомендацитæй Гуырдзыстон сыххæст кодта æрмæст æртæ.
Закъондæтджытæ бахахх кодтой,ц æмæй фарастæм къахдзæф йæ хъуыдыйы дары рекомендаци, ома Гуырдзыстон æмбæстагон дзыллæйы уæгхдибарæй куыст сифтонг кæна æмæ къахдзæф №1 та сиды Гуырдзыстонмæ, Евроцæдисы æмæ йæ хæзнаты ныхмæ уагъд дезинформацийы ныхмæ тох кæнынмæ.
«Нæ сидт хицауагæнæг парти, «Картули Оцнебамæ» у азæм, фæстæмæ ахæссæд закъонопроект паоламентон кастæй, уымæн æмæ дарддæр кæнæм гуырдзиаг адæмы Европаг тырнынадæн фарсхæцын æмæ æнхъæл стæм, цæмæй Гуырдзыстон сыххæст кæндзæн йæ хæсист демократийы, закъоны сæйрагдзинады æмæ адæймаджы барты стынг кæнынæн. Æргомæй ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад ноджы иу хатт равдисдзæн йæ асдзинад æмæ фидар цæттæдзинад Европаг, евроатлантикон институттæм интеграцимæ. Ныр хъуыддаг æххæссы гуырдзиаг адæмы фидæнмæ» – дзырдæуы фидиуæны.