Нефтпродуктты импортерты цæдисы фидиуæнæй, цæугæ азы октябры Гуырдзыстонмæ нефтпродуктты (бензин æмæ дизелы æртаг) импорт баххæссыд 97,1 мин тоннæмæ, кæцы сентябры мæйы æвдисæгтæй 12,4 мин тоннæйæ къаддæр у, æмæ 18,5 мин тоннæйæ къаддæр та, ивгъуыд азы октябры мæйы æвдисæгтæм абаргæйæ.
Уый нымæцы, 2017 азы октябры бензины æртагы импорт уыдис 50,7 мин тоннæ (раззаг мæйы æвдисæгмæ абаргæйæ 7,8 мин тоннæйæ фæкъаддæр, æрмæст ивгъуыд азы аналогион периоды æвдисæгмæ гæсгæ – 6 мин тоннæйæ), æрмæст дизелы æртагы импорт – 46,4 (раззаг мæйы æвдисæгмæ гæсгæ 4,6 мин тоннæйæ, æрмæтс ивгъуыд азы аналогион периоды æвдисæгмæ абаргæйæ -12,5 мин тоннæйæ фæкъаддæр) мин тоннæ.
Бæстæтæм гæсгæйæ, 2017 азы октябры бензин æмæ дизелы æртагы импорты сеппæтæй стыр бæрцуат сæххæст Румынийæ – 28,8 мин тоннæ, кæцы æххæст импорты 29,7% у. Уый фæстæ цæуынц: Уæрæсе – 24,3 мин тоннæ (25%), Азербайджан – 24 мин тоннæ(24,7%), туркменистан – 8,5 мин тоннæ (8,8%), Болгарий – 8, 3 мин тоннæ (8,6%), Греций – 3,1 мин тоннæ (3,2%).