Хъайтарты фæзыл зæххыбын ахизæны нывæфтыды процесс райдыдта

18:06, 18.11.2017

Тбилисы мер Каха Каладзе  Хъайтарты фæзыл  уыдис, цы ран  нывтæ кæнынц зæххыбын ахизæны.

Нывкæныны  рæстæджы сæйраг сахары мер  социалон хызаг «фейсбукы» фæрцы сарызта видеобасидт  æмæ  æрыгонтæн бузныг  загъта  зæххыбын ахизæны снывтæ кæныны  тыххæй.

«Тынг цин у,  ахæм солидарондзинад  куы ис æмæ фæсивæд  нæ  сахары  срæсугъд кæныны  куы исы хайад уый.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  ацы процесс Тбилисы адарддæр уыдзæн,  уымæн æмæ нæ фæнды, цæмæй   уæвæг зыххыбын ахизæнтæ  уой хæрзæфснайд.  Куыстытæ адарддæр уыдзысты   иу къуырийы бæрц.  Алы зæххыбын ахизæн уыдзæн сыгъдæг  æмæ  нывæфтыд» –  дзырдæуы  Каха Каладзейы  видеобасидты.

Зæххыбын ахизæнты снывтæ кæндзысты 30  нывгæнæг.  Проекты хайад  райсын кæй фæнды уыдон, Тбилисы мерийы  æмæ «тбилсервси къорды»  социалон хызæгтæм æмæ  тæвд хаххмæ хъуамæ фæдзурой, цæй фæстæ дæр сырæздзæн  инициативон къорд.

Хуыздæр