Фыст æрцыд æфхæрды бадзырдтæ 4 октябры хъуыдтагы ноджы 12 адæймаджы ахстæй, иу адæймагæн та, кæцы нæ разы кодта бадзырд бафыссыныл, стæрхон кодтой фондз азы ахæстоны фæбадын

12:23, 24.06.2026

Фыст æрцыдысты æфхæрды бадзырдтæ, 4 октябры хъуыдтагы ахст ноджы 12 адæймагимæ.

адæймагимæ бафыст æфхæрды бадзырдтæ æвдисынц иу азы ахæстоны фæбадын æмæ æртæ азы уæлæмхасæн тæрхон. Уæдмæ та иу адæймагæн, Саба Къордзаиайæн стæрхон кодтой афæдз æмæ æхсæз мæйы ахæстоны фæбадын æмæ æртæ азы уæлæмхасæн тæрхон, йæхи æфхæрыны бадзырды бындурыл. Прокуроры ныхæстæм гæсгæ, уый ныридæгæн стæрхонгонд æрцыд æндæр уголовон хъуыддаджы.

Сæрмагондæй та сæхи аххосджыныл банымадтой æмæ бафыстой сразыдзинады бадзырд: Гиоргий Къирвалидзе, Симон Махарадзе, Къахабер Квачъантирадзе, Гия Толорая, Михеил Толорая, Автандил Топчишвили, Юрий Ломидзе, Давит Гиунашвили, Гиор Талахадзейæн, Бека Мачъаварианийæн, Саба Къордзаиайæн æмæ Епиташвили Кобайæн.

Азымджын сæ кодтой цалдæр статьяйæ. Уыдон сты: къордæй арæзт стратегион æмæ сæрмагонд нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объект бацахсынмæ хъавын, афтæ дæр къордон тыхмийы хайадист. Уæлдæр ранымад фыдракæндты тыххæй æфхæрд цæуы æхсæз азы онг ахæстоны фæбадын.

Уымæй дарддæр ма,  хъуыдтагы  ацы  эпизоды ахст ноджы иу  адæймаг,  Манучар Микеладзе,  йæхи æфхæрыны бадзырд бафыссыныл не сразы ис. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ йын стæрхон кодтой фондз азы ахæстоны фæбадын.

Цыппæрæм октябры цауты фæдыл æнæхъæнæй аххосджынгонд æрцыд 64 адæймагыл. Уыдонæй иуæй-иутæ, уыцы нымæцы политиктæ, кæцытæ ахст æрцыдысты бандæты тыхмидзинады организаци кæныны аххосагæй, ныридæгæн рахастой тæрхон, æмæ æдæппæт 34 адæймагимæ бафыстой æфхæрды бадзырдтæ.

Хуыздæр