«Форбсы» рейтингмæ гæсгæ, Ангела Меркель афæдзы алкæмæй ахадæн сылгоймаг у
«Форбсы» рейтингмæ гæсгæ, Ангела Меркель афæдзы алкæмæй ахадæн сылгоймаг у

«Форбсы» рейтингмæ гæсгæ, Ангела Меркель афæдзы алкæмæй ахадæн  сылгоймаг у. Дыгкаг бынатыл Британийы премьер-министр Тереза Мей. Уый фæстæ Мелина Гейтс, миллиордер Бил Гейтсы æмкъай, кæцы афæдзы дæргъы йæ уды хаимæ иумæ 40 миллиард доллар бахардз кодта хæрзгæнæн мадзалтыл. «Форбсы» фыццаг фондз ранымады афтæ дæр сты – «facebook»-ы директор Шерил Сендбергида, General Motors-ы генералон директор Мери Барра. «Форбсы» рейтингы æвзæр фæстиуæг ис Хилари Клинтонæн, кæцы номхыгъды 67-æм бынатыл ис.