Уæрæсейы президент регионты элитарон дæлхайæдты сывæрд план кæны. Владимир Путин иу азы размæ арæзт националон гварди, 89 регионы æдасдзинад бахъахъæндзæн. Зындгонд у, цæмæй националон гвардийы къухдариуæг Уæрæсейы президенты сæрмагонд хъахъæнæг Виктор Золотов у. Ацы дæлхайад хихъахъæнады министрад æмæ мидхъуыдтæгты министрады дæлбарады нæй, æмæ приказ комкоммæ кремлæй исы. Банысанкæнинаг у, цæмæй Владимир Путин чысыл рæстæджы размæ баивта 11 губернатор. Ацы постытыл æрыгон кадртæ снысан сты. Уæрæсейы лидеры ног инициативамæ гæсгæ, националон гварди афтæ дæр регионалон хицауады æдасдзинадыл дæр кусдзæн. Законыпроекты афтæ дæр ис дзырд, цæмæй æфсæдæттæ, æнæмæнгдзинады цауы «æндæр уæнгты дæр» хъуамæ бахъахъæной, кæцыты нæмттæ документмæ хаст не сты. «Росгварди» -340 æфсæдтонæй у комплектгонд, сæ иу хай мид æфсады дæр кусы. Гвардийы бæрнонтæ нырыгкон техникайæ сты ифтонгонд.