Тинатин Бердзенишвили – гомæй хъуамæ ныхас кæнæм, комерцион каналты фæстæ, гæнæн ис æмæ политикты интерестæ лæууынц
Тинатин Бердзенишвили – гомæй хъуамæ ныхас кæнæм, комерцион каналты фæстæ, гæнæн ис æмæ политикты интерестæ лæууынц. «Парламенты абон, хъыгагæн, позицитæ гомæй уыдысты æвдыст. Коммерцион телевидениты ахæм фарсылхæцындзинад æмбаргæ у, фæлæ гомæй хъуамæ ныхас кæнæм цæмæй, комерцион каналты фæстæ, гæнæн ис æмæ политикты интерестæ лæууынц» -уый фæдыл æхсæнадон уацхæссæгы меди æмæ комуникациты блокы сæрдар Тинатин Бердзенишвили, фыццаг каналы ралæвæрд « Актуалон темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ» -йы расидтис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æхсæнадон уацхæсæгæн нæй хорз ивгъуыд æмæ преистори, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй фидæны ацы телевидени ма хъуамæ у æнтыстджын. «Абон ноджы иу хатт ног проблемæ разынд, фудаменталон фарста, куыд у æхсæнадон уацхæсæгы уæвын – функционирдзинады фарста. Абон махæн быцæудзинад сырæзт ахæм фарстайы фæдыл, кæцы у уыдзæн æви нæ уацхæссæг, хъуамæ архайæм законмæ гæсгæ æви нæ, хъуамæ нæ зæрдыл дарæм ви нæ европон уацхæсджыты цæдисы хъуыды, ацы фарстатыл нæдæр зонын цы дзуапп хъуамæ раттаин» – расидтис Бердзенишвили.