Бизнесассоциацийы вице-президент Сосо Пхакадзе хъусын кæны, цæмæй бизнесассцоаицаимæ зæгъгæ, пенсион реформæмæ гæсгæ авд фиппаинаг ис. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, хицауад цæттæ у, сæ фылдæр йæ зæрдыл бадара. Фиппаинæгты хай, пенсион агентады инвестицион советы уæнгты снысан кæныны æмæ пенсион фонды суммæтæ уаг дарынмæ æххæссынц.
Пхакадзе куыд дзуры афтæмæй, ныр пенсион реформæйы сæххæсты æртыккаг архайд у – 90 азты æмæ 2011 азы фæстæ.
«Пенсион реформæ хъуамæ сыххæстæуа» – банысан кодта бизнесассоциацийы вице-президент.
Сосо Пхакадзе дзуры, цмæй пенсион реформæйы инициатортимæ ныхас нырма нæ уыд астæуккаг фидинагы гæнæн фæкъаддæры фæдыл. Цыдæриддæр та æфтауцæй фидинагмæ æххæссы, Пхакадзейы дзырдæй, уый у компанитæн бæрæг социалоон бæрн.
Бизнесассоциацийы фембæлдыл уыдысты финанст ы минстры хæдивæг Николоз Гагуа, экономикæйы министры хæдивæг Нино Джавахадзе æмæ Националон Банчы вице-президент Арчил Мествиришвили.