Рекс Тиллерсон Уæрæсейы аххосджын кæны «Талибаны» хæцнгарзæй ифтонгкæныны
Рекс Тиллерсон Уæрæсейы аххосджын кæны «Талибаны» хæцнгарзæй ифтонгкæныны

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар Уæрæсейы азымджын кæны Афгъанистаны   радикалон змæлд «Талибаны»  хæцæнгарзæй  ифтонгкæныны.

Рекс Тиллерсоны  дзырдæй,   Уæрæсейы  архайд,  у æхсæнадæмон нормæты  саст.  Цæугæ азы  америкаг  æфсæддæттæ  Уæрæсейыцалдæр  хатт фæаххосджын кодтой ,   «Талибаны» хæцæнгарзæй ифтонгкæныны.  Уæрæсейы  хъахъъхæнынады  министрад, аххосæгтыл нæ сæтты æмæ   Америкæйы  зылын кæны  дезинформацийы ахæлиуы  æмæ  пропагандæйы.