Мариам Хачъванийы фильм «Деде» Гуырдзыстоны кинотеатрты фæзындзæн февралы
Мариам Хачъванийы фильм «Деде» Гуырдзыстоны кинотеатрты фæзындзæн февралы. Уый фæдыл информацийы бæлвырд кæны йæхæдг фильмы режиисер. Уæдмæ та Мариам Хачъванийы фыццаг æххæстмеражон фильмы 16 ноябры равдисдзысты Грецийы кинотеатрты.
Кинофильм «Деде» нын радзуры иу чызджы тыххæй уæлхох регион Сванетæй, кæцы тох кæны йæ уарзондзинады тыххæй, фæлæ уыцы ран, традицитæ уарзондзинадæй фидардæр сты. Фильмы истой Сванеты, Хъазыбеджы æмæ Къаспы. Й фылдæр фильмæн у сванаг æвзагыл, арститты фылдæры хай дæр свантæ сты.
Фильм «Деде» бавдыстгонд у æхсæнадæмон престижон премий «Asia Pacific Screen Awards (APSA)», кæцыйы афтæдæр схонынц «Азиаг Оскарæй». «Деде» хайджын у номинацийы « Культурон бырæгъуызондзинад» – ай у специалон приз, æмæ уымæй схорзæхджын кæнынц ЮНЕСКО-йы патронажæй. Хорзæхджынкæныны церемони сырæздзæн 2017 азы 23 ноябры Австралийы.
Цалдæр боны размæ та, Польшайаг XV æхсæнадæмон фестиваль «Tofifest Film Festival»-ыл, кæцы Пошæйы цæгаты сахар Торуны ацыд 21-æй 29-æм октябры онг, фильм «Деде» сеппæтæй хуыздæр режиссурæйы тыххæй, райста приз « Æвзист Зæд». Хорзæхджынкныны церемонийыл уыд бæстæйы президент дæр.
Уыцы изæр, «Деде» афтæдæр райста приз кæсджыты симпатитæ, Францы, Монпельейы æхсæнадæмон кинофестивалыл.