Испайнаг El Mundo, Тбилисы ногæй æвзæрст мэримæ интервью парахат кæны. Ралæвæрд Каха Каладзейы футболон æмæ политикон карьерайыл фыссы. Статьяйы авторы ныхасмæ гæсгæ, политикамæ ацыды онг Каладзе, ахæм зындгонд футболисттимæ хъазыд, куыд Малдини, Гатузо, Пирло æмæ æндæртæ. «Мæ бон уыд пенсимæ ахызтаин, Гуырдзыстоны куыннæ æрцыдаит уый, цы æрцыд 2012-æм азы-адæмы протест хицауады ныхмæ, æз ацыдтæн политикамæ « -сиды Каладзе. Автор бахахх кодта, цæмæй Каладзейы политикамæ ацыд у баст йæ æфсымæры скъæфт æмæ лæгмарды фактыл. «Каладзейы натлифыд Бидзина Иаванишвили уыд, кæцы 2012-æм азы æвзæрстыты фæуæлахиз æмæ Каладзейы энергетикайы министрæй æмæ вице-премьерæй снысан кодта» -фыссы ралæвæрд. Статьяйы ис фыст, цæмæй Каладзейы конкуренттæ, Тбилисы мэры постыл тохгæнджытæ, раздæрон журналисттæ æмæ иу активист уыдысты. «Æнæхъæнæй, гуырдзыстоны æхсæнад тынг политизиргонд у. Советон цæдисы хæлды фæстæ 25 азон период бæстæйæн тынг зын уын. Алчи дæр архайы сæрмагонд хай бахæсса « – сиды Каладзе. Спрот политикайы хуызæн у. Дыууæйы дæр алы æппæт хъуамæ сывæрай. Хъуамæ уа гом зæрдæ фарсылхæцджытимæ. Хъуамæ уынай размæцыд æмæ къуылымпыдзинæдтæ дæр. Цард дæр спорты хуызæн у, кæцыйы æмбылд æмæ уæлахиздзинад кæрæдзи ивынц» -расидтис Каха Каладзе.