Карлес Пуичдемоны фарсылхæцынæн Брюселмæ 200 каталонийаг мэр ныццæудзæн
Карлес Пуичдемоны фарсылхæцынæн Брюселмæ 200 каталонийаг мэр ныццæудзæн

Брюселмæ, Каталонийæ, хæдбардзинады фарсылхæцæг 200 мэр ныццæудзæн. Уыдон Бельгимæ  Карлес Пуичдемоны фарсылхæцынæн цæуынц. Æскъуыддзаг мэртæ майрæмбон уый фæстæ райстой, Испанийы тæрхондон Каталонийы регионалон хицауады раздæрон лидер Карлес Пуичдемоны ныхмæ, ахсты  æппæтдунеон ордер кæй адæтта. Брюселы абон афтæ хуынæг хæдбардзинады ныхмæлæууæг каталонийаг бизнесментæ дæр ныццыдысты, кæцытæ европарламенты уæнгтыл фембæлдзысты. Плангонд у иумæйаг пресс-конференци дæр.