Илья Чъавчъавадзейы 180 азы юбилеймæ гæсгæ, мыхуыры уагъд æрцыд газет «Ивериайы» специалион рауагъд
Илья Чъавчъавадзейы 180 азы юбилейон датæйы банысан кæнынæн газет «Ивериа»-йы специалон рауагъды, иу фарс мыхуыр æрцыд 1909 азы 6 июлы номырæй. Специалон рауагъды, абон, Тбилисы мерийы ахуырады, спорты æмæ æрыгонон хъуыддæгты куысты хистæр Иракли Гвилава æмæ транспортон компанийы кусджытæ, метрополитены æмæ муниципалон автобусты бæлцæттæн байуæрстой.
Газет «Ивериа», Тбилисы 1877 азы 3 марты фыццаг æрцыд уагъд мыхуыры. Уый уыд сæйраг политикъон-литературон периодон рауагъд, кæцы лæккад кодта, гуырдзиæгты националон хизонындзинады фæтынгдæр кæныны æмæ хæдбардзинады идеяйæн. ЙÆ бындурæвæрæг уыд Илья Чъавчъавадзе.
1879-1885 азты «ивериа» мыхуыр уагъд цыдис журналы хуызæй, 18886 азы та йæ æрвылбойнон газетæй скодтой.
«Ивериа» архайдта гуырдзиаг адæмы националон æмбарынад сбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы пайдайæн æмæ æвдыста куыд социалон-экономикон æмæ кудьтурон царды, афтæ йæ редакторы æмæ кусджыты рухстауæн идеятæ.
Газет рухс кодта кусджыты змæлды фарстытæ Гуырдзыстоны æмæ фæсарæнты бæстæты историйы, æвзагзонынады, этнографийы, географийы, социологийы фарстытæ.
Илья Чъавчъавадзе æрфидар кодта публицистон жанр, «мидæгон афæлгæст» кæцы уæрæхæй æвдыста адæмы æмæ бæстæйы æрвылбойнон цардуагы сæйраг проблемæтæ, афтæ ма сæ аскуыддзагы амæлттæ. Стыр бынат ахстой адæмон ахуырдзинады фарстытæ, скъола, ахуыргæнджыты, хицауады политикæйы ахуырады къабазы æмæ хъомылады системæ.
Хицæн у «Ивериа»-ы рол гуырдзиаг фыссынад архайджыты къабазы рапарахаты. Æндæр æмæ æндæр рæстæджы газеты публикацигонд æрцыд номдзыд гуырдзиаг фыссджыты Акакйи Цъеретелийы, Якоб Гогебашвилийы, Важа Пшавелайы, Александре Хъазбегийы, Нико Ломоурийы, Экатерине Габашвилийы, Сопром Мгалоблишвилийы æмæ æндæрты сфæлдыстад.
2017 аз у Илья Чъавчъавадзейы юбилеон афæдз. ЙÆ райгуырдæй 180 азы рацыд, æрмæст йæ марындзинадæй та 110 азы.