Зонадон зылдтæ басаст сты, цæмæй сæндуцынад æппæт Дунейы ахæлиу ис Гуырдзыстоны территорийæ
Зонадон зылдтæ сразы сты, цæмæй сæндуцынад æппæт Дунейыл ахæлиу ис Гуырдзыстоны территорийæ – уый фæдыл хъæууон хæдзарады министр Леван Давиташвили, Националон музейы директор Давит Лорткипанидзе æмæ Гуырдзыстоны сæндуцджыты ассоциацийы президент Тинатин Къезели иумæйга пресс-конференцийыл расидтысты.
Сæ ныхæстæм гæсгæ дунейы зонынады сферæйы зылдтæ сразы сты, цæмæй сæндуцынады сегасæй рагон фæд, растдæр Гуырдзыстоны территорийыл ссардтой, кæцæй дæр уый æппæт дунейыл ахæлиу ис æмæ тынг бандæвдта хъæууон хæдзарады, адæмты культурæйы, биологийы, медицинæйы æмæ æнæхъæнæй цивилизацийы æрфидары хъуыддагмæ.
Ног биомолекулярон археологион æмæ археботаникон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, зæронд азфыстæй 6000-5800 азты, раззаг неолиты дуджы сæн Гуырдзыстоны цæттæ кодтой – кæцы фæстæдæр ахæлиу ис æппæт дунейы.
PNAS –ы публикацигонд статийы автортæ сты гуырдзиаг, канадайаг, америкаг, францаг, израилаг æмæ италиаг ахуыргæндтæ æмæ профессортæ.
Ныры онг сæндуцынады фыдыбæстæйæ нымадмæ ист цыдис Китай, уымæн æмæ 2004 азы ссарæггагмæ гæсгæйæ, уым 7000 азы размæ, сæнæфсиры, мыды, пырындзыйы æмæ уагъылыйы коктейлтæ арызтой.
«Нейшнл Джеографик Гуырдзыстоны» информацийæ, Гуырдзыстоны зонадты академийы С. Джанашиайы номыл паддзахадон музейы экспедицийы, Гуырдзыстоны территорийыл неолитон ддуджы цыртты иртасæн, 20-æм æнусы 60-йæм азты райдыдта. Фæстаг азты Гуырдзыстоны националон музейы археологион экспедициты фарсхæцджытæ сты сæны националон агентад, Шота Руставелийы националон зонадон фонд æмæ Торонтойы университет.