Гуырдзыстоны сылгоймаг шахматистты æмбырдгонд хыгъдæй 4:0 басаста Испанийы æмæ дыккаг бынат ахсы
Гуырдзыстоны сылгоймаг шахматисттæ Европæйы къордты æхсæн чемпионаты радон бон æнтыстджын хъазт равдыста. Грекаг Къретайыл цæугæ ерысы 6-æм туры, Гуырдзыстоны æмбырд йæ иуæй-иу конкуренты Испанийы, «сур хыгъдæй» -4:0 басаста æмæ 12 баллимæ дыккаг быатмæ ахызт.
Сæ партитæ рамбылдтой Нана Дзагнидзе, Нино Бациашвили, Бела Хотенашвили æмæ Саломе Мелиа.
Ацы туры, лидер Уæрæсе хыгъдæй 3:1 рамбылдта Италийы æмбырдæн, кæцы уый нысан кæны æмæ Гуырдзыстоны æмбырды йæ фæстæ фæуагъдта. Фæйнæ 10 баллы ис Польшæ æмæ Туркмæ кæцытæ æртыккаг бынатыл сты.
8-æм туры Гуырдзыстоны æмбырд фембæлддзæн Поольшæимæ, Уæрæсе та Туркы æмбырдимæ.
Европæйы къордон чемпионат кæронмæ æрхæццæ уыдзæн къуырисæры.