Гуырдзыстоны президенты резервон фонды æххуысæй сæххæст уыдзæн, Польшæйы æфсады гуырдзиаг офицерты музейы реабилитацийы фыццаг фазæ
Польшæйы Гуырдзыстоны минæварады инициативæйæ, æввахсдæр фидæны, Польшæйы æфсады гуырдзиаг офицерты музей ног концепцимæ гæсгæ, Польшæйы гуырдзиаг культурæйы центрæй фестдзæн. Афтæдæр минæварады инициативæйæ æмæ Гуырдзыстоны президенты резервон фонды æххуысæй, план кæны хæдзар-музейы реабилитацион куыстыты фыццаг фазæйы сæххæст кæнын, кæцы фæсарæн хъуыддæгты министрады координацийæ адарддæр уыдзæн.
Гуырдзыстоны минæварады информацийæ, фæнысангонд хæдзар уыдис гуырдзиаг юнкер æмæ Польшæйы æфсады офицер Николоз Матикашвилийы сæрмагонд æмæ йæ идæдз ус, Анна Шодэ-Миатикашвили 2007 азы ахицæн кодта, минæварадæн раттаит йæ сæрмагонд хæдзар æмæ зæххы фадыг, кæцыйы 2011 азы бындурæвæрд æрцыд, Гуырдзыстон-Польшæйы æмгардзинады «(Гуырдзиаг Хæдзар» æмæ Польшæйы армийы гуырдзиаг офицерты музей.
Гуырдзыстоны президент Польшæйы æфсады гуырдзиаг офицерты музейы кæрты, символонæй Гуырдзыстонæй ныххæсгæ тулдз ныссагъдта æмæ «Гоглас Вазийы» сæнæфсиры ад федта, кæцыйы ацы кæрты неомдзыд гуырдзиаг поэт, Николоз Матикашвилийы хæстæг Гиорги Леонидзе азты размæ ныссагъдта.