Гиоргий Гахария йæ хæдивджытæй Къахабер Сабанадзе, Нино Джавахадзе æмæ Мераб Маланиайы снысан кодта
Гиоргий Гахария йæ хæдивджытæй Къахабер Сабанадзе, Нино Джавахадзе æмæ Мераб Маланиайы снысан кодта

Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр, вице-премьер Гиоргий Гахария хæдивджыты снысан кодта. Министрады информацийæ, гахариайы фыццаг хæдивæгы постыл Къахабер Сабанадзе снысан ис. Сабанадзе æппæтдунеон барад æмæ æппæтдунеон æммахастыты докторант у. 2017-æм азы майы мæйæ уый паддзахдон æдасдзинады куысты контртерористон центры сæрдары хæдивæг уыд. Иннæ хæдивæг, Нино Джавахадзе экономикайы магистр у. 2013-2015 азты Джавахадзе экономикайы министрады куыста. Нино Джавахадзе  мидхъуыдтæгты министрады къухдариуæг кæндзæн æппæтдунеон æммахастыты, реформæты æмæ размæцыды стратегион комуникациты æхсæнадимæ æммахастыты сферайæн æмæ министрады академийæн. Мераб Малания адаргъ кæндзæн министры хæдивæгы постыл куыст. 2016-æм азæй уый снысангонд пост ахсы.