Беларуси æмæ Гуырдзыстоны вице-премьертæ, абон бизнес-секторы бæрнонтыл фембæлдзысты
Беларуси æмæ Гуырдзыстоны вице-премьертæ, абон бизнес-секторы бæрнонтыл фембæлдзысты. Гуырдзыстоны куыстдæттæг ассоциацийы информацийæ, Гуырдзыстоны æрдыгæй фембæлдыл 60-онг компанийы къухдариуæг исдзæн хайад. Бизнесментыл, Беларисийы хицауадон делегаци, бæстæйы вице-премьер Михаил Русийы къухдариуæгæй, гуырдзыстоны хицауады бæрнонтæ –фиццаг вице-премьер,æмæ хъæууон хæдзарадон министр Леван Давиташвили фембæлдзæн. Мадзал, Гуырдзыстоны Беларусийы делегацийы визиты фæлгæтты сырæздзæн, кæцыйы нысан бæсæтты æхсæн экономикон æммахастыты фæарфдæр æмæ фидæн бизнеспроектты фарсылхæцындзинад у. Фембæлд, Гуырдзыстоны куыстдæттæг ассоциацийы конференцион залы, 16-æм ноябры, 09:45 сахатыл райдайдзæн.