«Ассошиэйтед Пресс» - уæрæссейаг хакертæ, кæцытæ 2016 азы АИШ-ы æвзæрстыты процессы бацыдысты, кибер-бырстытæ сæххæст кодтой æппæт дунейы, уый нымæцы Гуырдзыстоны дæр
Уæрæсейаг хакертæ, кæцытæ 2016 азы АИШ-ы президентон æвзæрстытæм бацыдысты, кибербырстытæ сæххæст кодтой æнæхъæн дунейы – уый тыххæй фыссы «Ассошиэйтед Пресс». Рауагъдады хъусинагæй, АИШ-æй уæлдай сеппæты фылдæр бырст сыххæст Украинæйы, Уæрæсейы, Гуырдзыстоны æмæ Сирийы.
Хъуыддаг æххæссы 2015 азы мартæй 2016 азы майы онг периодмæ. «Fancy Bears»-ы номæй зындгонд къорды уæнгтæ, АИШ-ы 573 электронон постмæ баирвæзын бацархайдтой. Сæ мысæнтты нымæцы уыдысты паддзахадон нымæрдар Джон Керри, афтæма, Европæйы НАТО-йы тыхты сæргълæууæг Филлипп Бридлав æсмæ йæ развæдгæнæг Уэсли Кларк.
Хакертæ афтæдæр балæбурдтой украинаг офицерты, уырыссаг оппозиционерты æмæ АИШ-ы хъахъъхæнынады министрады кусджыты постмæ.
«Асошиэйтед Прессы» ссаргæ мысæнтты номхыгъды ис «Google»-ы электронон посты 4700 пайдагæнæг. Сæ нымæцы Киевы Ромы Папы минæвар, музыкалон бенд «Pussy Raiot»-ы уæнгтæ æмæ æндæртæ.
Ацы номхыгъды журналисттæ, киберæдасдзинады фарстыл кусæг компани «Secureworks»-ы специалисттимæ иумæ æрцæттæ кодтой.
Кэмбриджы конфликтты бацахуыргæнæг-иртасæг центры куыд дзурынц афтæмæй, номхыгъд иу кæны уыцы уæнгты, кæцыты дискредитаци, фæтæрсын кæнын кæнæ ныхъхъус кæнын фæндыд Кремлы.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, арæх, хакерты мысæнттæн, Уæрæсейæ уæлдай ницы иумæйаг ис. Дæнцæн æрдзхъахъхъæнæг активисттæ Мурманскъы, хæдбар газет Сомихыстоны æмæ ахуыргæнæндон организаци Хъазахстаны.
Хакерон къорд «Fancy Bears» 2000 азты сырæзт. Уый номдзыд æссис 2016 азы , киберфыдгæнджытæ АИШ_ы Демокративон партийы сервертæм лæбурд куы сыххæст кодтой уæд.