Америкаг компанийы бæрнонтæ, Анакълийы порты куыстыты план бакастысты
Анакълийы порты терминал –операторы, ставд америкаг компани SSA Marine-ы вице-президент Карл Роджер Сахлин æмæ сæйраг инжинер Рикардо Ченг «Анакълийы размæцыды консорциумы» куыстон визитæй ныццыдысты. Компанийы бæрнонтæ Анакълийы порты куыстон плантæ бакастысты. «Мах æрцыдыстæм Гуырдзыстонмæ, цæмæй нæ партнертимæ иумæ Анакълийы порты амадмæ æрбалæууæм. Мах абоны бонæй порты скуысты онг, деталонæй уыдзыстæм баст алы куыстон процессы. Анакълия уыдзæн алкæмæй нырыгкон порт Сау Денджызы бассейны æмæ куыстон процесс 20-æм декабры райдайдзæн» -расидтис SSA Marine-ы вице-президент.