АИШ-ы генералон прокурор Джеф Сешены, фидæн къуыри, АИШ-ы конгрессы бæрнонты палатайы юридион комитеты рафарст сырæздзæн
АИШ-ы генералон прокурор Джеф Сешены, фидæн къуыри, АИШ-ы конгрессы бæрнонты палатайы юридион комитеты рафарст сырæздзæн

АИШ-ы генералон прокурор Джеф Сешены, фидæн къуыри, АИШ-ы конгрессы бæрнонты палатайы юридион комитеты рафарст сырæздзæн. Прокуроры юридион комитетмæ æрхуынды сæйраг фарста у Уæрæсейы архайдтытæ, АИШ-ы президентон æвзæрстыты. Демократ конгресментæн уыдзæн фадат, Сешены Дональд Трампы æвзарæнон штабы бæрнон, Уæрæсейы хицауадимæ бастдзинады фæдыл рафæрсой. Конгрессы генералон прокуроры гом рафарст, 14-æм ноябры юстицийы министрады регуларон куысты контролы фæлгæтты у плангонд. Афтæ дæр Reuters парахат кæны информаци, цæмæй 14-æм ноябры Сешен бæрнонты палатайы фæдагуырды комитеты æхгæд рабадтыл дæр райсдзæн хайад. Ноябры райдайæны, цалдæр демократ сенатор Дональд Трампы æвзарæнон штабы, Мæскуыимæ бастдзинады хъуыдтагыл АИШ-ы генералон прокуроры ногæй бакаст æркуырдта.