Нæ конкурсы тыххæй
Гуырдзыстон Евроуынынады  зарæджы конкурсы хайад фыццаг хатт райста  2007  азы,  кæцы рæстæджы дæр Сопо Халваши  12-æм бынат бацахста, зарæгæй  My Story. 2008 азы  бæстæйы номæй  Еврофестивалыл рацыд  Диана  Гъурцъкаиа  рацыд, зарæгæй  Peace Will Come.  Уый 11-æм бынат бацахста. 2009 азы, Гуырдзыстоны мидравзарæн  конкурсы  улахиздзау  ссис  къорд  «Стъепане æмæ  3 G». Гуырдзыстоны номæй, къорд Мæскуыйы  уагъд еврофестивалыл  хъуамæ сæххæст кодтаит  зарæг   – Put In Disco. Медиафæрæзты  айзæлдис, цæмæй  зарæгæн, дыдзæхсæн, политикъон  мидис уыд,  кæцы Уæрæсейы  премьер-министры æрдæм ам...

Гуырдзыстон Евроуынынады  зарæджы конкурсы хайад фыццаг хатт райста  2007  азы,  кæцы рæстæджы дæр Сопо Халваши  12-æм бынат бацахста, зарæгæй  My Story.

2008 азы  бæстæйы номæй  Еврофестивалыл рацыд  Диана  Гъурцъкаиа  рацыд, зарæгæй  Peace Will Come.  Уый 11-æм бынат бацахста.

2009 азы, Гуырдзыстоны мидравзарæн  конкурсы  улахиздзау  ссис  къорд  «Стъепане æмæ  3. Гуырдзыстоны номæй, къорд Мæскуыйы  уагъд еврофестивалыл  хъуамæ сæххæст кодтаит  зарæг   – Put In Disco. Медиафæрæзты  айзæлдис, цæмæй  зарæгæн, дыдзæхсæн, политикъон  мидис уыд,  кæцы Уæрæсейы  премьер-министры æрдæм амыдта.

Европæйы Телеуынынадты  Иугонд  æнæхцон уавæрæй  хибахизыны  тыххæй,   гуырдзиаг фарсæн банхъарыд  разæг раивын.  Фæстæдæр Гуырдзыстон,  конкурсы хайад райстыл  нæзагъд скодта.

2017 азы  Евроуынынады зарæджы  конкурсы  фыццаг æрдæгфиналы рацыд  Тамара Гачечиладзе, зарæгæй  Keep the Faith, фæлæ  æрдæгфиналон турæй  нæ ахызт  æмæ   конкурсæй  аиртæст.

Фылдæр Къаддæр бафæрс

Ног хабæрттæ