Евроуынынады истори

Евроуынынады  зарæджы конкурс (ESC) у иуæй-иу сеппæтæй  зæрдæмæдзæугæ  европаг  телеуынынадон конкурс,  кæцы комкоммæ  эфиры лæвæрд цæуы  евроуынынады  сателлитон  хызагы  фæрцы.  Грандиозон  уынинагмæ æрвылазонæй,  дунейы масштабæй, 200  милуанæй фылдæр   адæймаг бакæсы.

Сфæлдисыны  идея

Конкурсы  саразыны идея  сæвзæрд  Европæйы  Телеуынынадты  Иугонды (EBU)  Монакойы фембæлдыл 1955, Италийы  Сан-Ремойы  музыкæйы  фестиваль та  конкурсы  моделæй  æрцыд ист.  Идеяйы  автор, EBU-ы францаг минæвар, Марсель Байсон  конкурсы  нысанæй бавдыста, фаст Европæйы  уазал хæсты  агонийæ ракæнын, Европæйы баиу кæныны баахъаз кæнын, афтæдæр, телеуынынадон   уацхæссынадтæм уæвæг  технологиты  фæлварæн.

Евроуыныынады   зарæджы  конкурс,  фыццаг хатт  уагъд æрцыд1956  азы  24  майы  Швейцарийы,  сахар  Луганойы  (Растдæр  Швейцарийы, Женевæйы ис EBU-ы штаб хæдзар)  æмæ уым  æрмæстдæр  7 бæстæ:Швейцари, Нидерландтæ, Бельги, Германи, Франц, Люксембург æмæ Итали – райстой хайад. Рæстæг цыдис æмæ   конкурсмæ баиу сты  æндæр бæстæтæ дæр,  Советон Цæдисы  ныппырхы фæстæ та, хайадисджыты нымæц  банкъаринагæй райрæзтис.  20-æм æнусы  кæрон хайадисæг бæстæты  нымæц 40-æй ахызт.